Перейти к содержанию

Анафорæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Анафорæ (гр. ἀναφορά) у, рæнхъытæ иухуызон дзырдтæй кæм райдайынц, ахæм стилистикон фæрæз: æмхуызон райдайæн.

Радихкæнæн и зæлты анафорæ (рæнхъыты райдианы цалдæр зæлтæ æмхуызон куы сты, рифмæйы хуызæн), морфемæты анафорæ (иу кæнæ цалдæр морфемæтæ ихуызон куы сты) æмæ лексемæты анафорæ (иу кæн цалдæр дзырдтæ иухуызон куы сты).

Синтаксисы анафорæ у, рæнхъыты райдиан бынтондæр ихуызон куы нæу, фæлæ иу синтаксикон конструкцитæ дзы куы ис, ахæм. Александр Пушкины æмдзæвгæйæ дæнцæг:

Брожу ли я вдоль улиц шумных,
Вхожу ль во многолюдный храм,
Сижу ль меж юношей безумных,
Я предаюсь моим мечтам.

Анафорæ ирон поэзийы

[ивын | Бындур ивын]

Анафорæйæ парахатæй спайда кодта Къубалты Алыксандр йæ поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы (1897). Поэмæйы бирæ анафорæтæй иу:

Сидзæрæй баззадтæ дæ чысыл рæстæгыл,
Сидзæрæй баззадтæ дæ мæгуыр мады ’вджид!